Æнкъард хабар. Йæ цардæй ахицæн Цæгат Ирыстоны телеуынынад æмæ радиойы фаццаг диктортæй иу, журналист Гаппуаты Зирæ.
Каст фæци театралон училищæ, 6 азы фæкуыста Ирон театры, æнæнхъæлæджы бафтыд паддзахадон телерадиокомпани Аланимæ æмæ йæ цард журналисты дæсныйадимæ сбаста.
Актрисæ ма куы уыд, уæд æй фæхуыдтой радиомæ Максим Горькийы æмдзæвгæтæ кæсынмæ. Программæйы амонæгæн æвваст йæ хъæлæс фесæфт æмæ Гаппауты Зирæ йæ бæсты раныхас кодта. Уæд базонгæ зындгонд диктор Цæкулаты Марияимæ. Дыууæ азы фæстæ уый йæ фæндаг æндæр бæстæмæ акодта æмæ уæд Гаппуаты Зирæйы куыстмæ æрбахуыдта.
Радиомæ хъусджыты зæрдæтæ Зирæ балхæдта йæ аив хъæлæсæй. Арæзта театралон æмæ музыкалон аивæдты кусджыты тыххæй программæтæ. Уæлдай аргъ кодта хуымæтæг фæллойгæнджытæн. Бирæ хæттыты уыдысты йе ‘рмæджыты хъайтартæ. Гаппуаты Зирæ бацæттæ кодта цалдæр хайæ арæзт программæ «Хæхты чызджытæ». Арф фæд ныууагъта адæмы зæрдæты. Цыдис ыл 95 азы.
















