Уæрæсейы Президенты цур æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис йæ юбилейы фæдыл арфæ ракодта Уæрæсейы сгуыхт артисткæ, зындгонд бæхылбадæг Тугъанты Дзерассæйæн. Кадджын мадзал уыдис Мæскуыйы.
Дзанайты Барис ма йын ракодта лæвар æмæ йын саккаг кодта Кады гæххæтт республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеславы номæй. Бузныг ын загъта, уал азы цирчы аивадæн ахæм сыгъдæгзæрдæ æмæ æнæзæрдæхудт лæггад кæй фæкодта, уый тыхæй. Тугъанты Дзерассæ кæддæриддæр иузæрдион уыдис йæ фыдыуæзæгыл, дардыл хъуысын кодта йæ уарзон Ирыстоны ном. Бирæ фæсивæды ракодта цирчы аренæмæ æмæ сын раргом кодта аивады ацы хуызы сусæгдзинæдтæ.
Кадджын мадзалы ма архайдтой, Ирыстоны зындгонд минæвæрттæй Мæскуыйы чи цæры, уыдон дæр. Æвдисæн фесты, Тугъанты Дзерассæйæн Дзæуджыхъæуы разамынд “Горæты кадджын гражданин”-ы ном кæй радта, уымæн дæр. Æппæт хæрзиуджытæ юбиляр артисткæйæн тынг æхсызгон уыдысты. Куыд загъта, афтæмæй тынг бирæ куыста, цæмæй ирон бæхылбадджытæ дунейы æппæты хуыздæр сты, уый равдиса.
Абоны онг йæ зæрдæ йæ фыдыуæзæгыл нæ сивта, Ирыстоны цæрджытæ дæр æй бирæ кæй уарзынц, уый ма йæ иу хатт бауырныдта.
















