4 сызгъæрин майданы, иу та æвзист. Уыйбæрц хæрзиуджытæ рамбырд кодта Цæгат Ирыстоны иугонд командæ уæззау атлетикæйæ. Сæхи æнтыстджынæй равдыстой Уæрæсейы къæпхæны. Уыдис Зæронд Осколы. 10 боны нæ республикæйы минæвæрттæ ерыс кодтой, 13 азæй 17 азы онг кæуыл цæуы, ахæм фæсивæды `хсæн. Абон та дзы райдыдтой ерыстæ Уæрæсейы Кубок рамбулынæн. Фылдæр хабæрттæ базондзыстут нæ дарддæры æрмæгæй.
Ницы дæ хъуыддаг уæзæгтæ исынимæ – ахæм ныхæстæ-иу Челæхсаты Мæдинæ йæ мадæй арæх хъуыста. Фæлæ чызг уæззау атлетикæйыл афтæ æнувыд уыдис, æмæ йæ хæстæджыты хъуыдымæ хъусгæ дæр нæ бакодта. 11 азы йыл цыдис, афтæмæй æрбацыд уæззау атлетикæйы секцимæ. Зæххæй, дам, уæлæмæ зынгæ дæр кодтон.
Ныридæгæн уал Челæхсаты Мæдинæйы къухы бафтыд сызгъæрин майдан Уæрæсеаг ерысты рамбулын. Æмткæй райсгæйæ, йæ сæрмæ фелвæста 188 килограммы, йæхæдæг кæд 64 йеддæмæ нæ ласы, уæддæр. Йæ ныхмæлæуджытæй зынгæ фæразæй. Ахæм кары уыцы `нтыстытæ ахадгæ сты. Мæдинæйæ уæлдай ма сызгъæрин майдантæ рамбылдтой Гусалты Зæринæ, Соттиты Янæ æмæ Цагъаты Виталий. Уарзиаты Георгийы къухы та бафтыд æвзист майданы аккаг суæвын.
РЦИ-Аланийы уæззау атлетикæйæ иугонд командæйы сæйраг тренер Дзбойты Петр: «Ацы азы фыццаг ерыстæ уыдысты. Тынг æнтыстджын нын рауадысты. Уæззау атлетикæ нæ республикæйы уарзынц 60-70 регионы. Уыйбæрц бирæ спортсменты `хсæн рамбулын ахъаззаг у».
Æнæрынцойæ спортсментæм сæ цæст дарынц сæ тренертæ. Тогойты Æхсар куыд зæгъы, афтæмæй фæсивæдæн ахсджиаг у канд спотривон æмæ медицинон цæттæдзинад нæ, фæлæ ма психологон дæр. Ерысты рæстæг тренер бацахсы суанг ныййарæг æмæ хорз хæлары бынат.
Зæронд Осколы ерыстæ уыдысты æвзарæн къæпхæн дунеон турнирмæ. Цæудзæн Лас-Вегасы. Ирыстойнаг спортсменты къухы цы уæлахизтæ бафтыд, уый сын Уæрæсейы иугонд командæйы номхыгъдмæ бахауынæн фæндаг акъæртт кодта. Хъæуы ма сæ æрмæст чысыл иртæстытæ. Сæ ххатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты февралы кæрон.
















