Къæвдадоны канализациты уавæр раиртасын æмæ фарстатæ аиуварс кæныны фæдыл хъæппæристæ бацæттæ кæнын. Ахæм хæс вице-премьер Атарты Георгий сæвæрдта донæй æххæстгæнæг куыстуаты размæ. Цæрæнуæтты коммуналон хæдзарады фарстаты фæдыл æмбырды ма æрдзырдтой зынгсирвæзтыты сезонмæ цæттæгæнæн мадзæлттыл. Уæлдай æргом аздæхтой аварион службæтæм. Атарты Георгий фæнысан кодта, специалистты архайдæй аразгæ у республикæйы цæрджыты æдасдзинад. Управленийы профилон оргæнтæ хъуамæ рахизой дывæр фæткмæ. Æппæт уавæртæм дæр хъуамæ уæм цæттæ. Ноджы ма иу темæ – бирæуæладзыгон хæдзæртты лифттæ баивын æмæ бындурон цалцæджы фарстатæ. Атарты Георгий фæнысан кодта, адæм хъуамæ уыной лæггæдтæн куыд æмбæлы, афтæ кæй фидынц, уыцы хъуыддаг хъуамæ æвдыст цæуа цалцæггæнæн куыстыты рæстæг. Æмбарой йæ сæ фæрæзтæ кæдæм цæуынц, уый. Бындурон цалцæджы фондæн бабар кодтой, цæмæй куыстытæ чи æххæст кæны, уыдоны архайд уæлæмхасæн хуызы бæрæггонд цæуа.
















