Йæ зæрдæ уæлдай тынг куы бамæгуыр вæййы Муратæн, уæд та дзуæртты нывтæм æркæсы. Се ппæтæн сæ не вдисы. Бавæры сæ чысыл къоппы, иннæты цæст сыл куыд не рхæца. Мады Майрæмы ныв ын фыццаг хатт балæвар кодта фыццаг цы сывæллæтты хæдзар бахауд, уым кусæг хъомылгæнæг. Уæдæй нырмæ Мурат йæхи Чырыстон диныл бæтты. Фæкæсы Библи æмæ йæ фæнды аргъуаны кусæг суæвын.
Мураты ма ноджы фæнды стыр хæдзарад саразын. Худгæйæ дзуры, йæ фермæйы æппæт хæдзарон цæрæгойтæ дæр хæларæй кæй цæрдзысты.
Хъомылгæнæг Цакъоты Жаннæ: «Хорз лæппу у, æвзæр нæу. Хъæлдзæг, уарзы æмдзæвгæтæ дзурын, у кафаг æмæ зАраг. Йæ размæ исты фæнд куы сæвæра, уæд æй æнæмæнг сæххæст кæндзæн. Ахæм у. Гъер, загъта хæдзарад саразон, зæгъгæ, æмæ ууыл лæуд у кæронмæ».
Сывæллæтты хæдзармæ Мурат бахаудта бынтон чысылæй. Йæ хъысмæт сæ хæрзтæй нæу. Цалдæр цæрæн бынаты баивын æй бахъуыд. Исты бинонтæ йæ куы райсикоой, зæгъгæ, ныхас куы рацыд, уæд сывæллон уайтагъд йæ дзырды сæр фæивта. Ацы сабитæ, æвæццæгæн æмæ, сæ бæллиццтæй дæр тæрсгæ кæнынц. Фæфыдæнхъæл уæвыны бæсты сæ ницыуал хъæуы. Афтæмæй та сывæллонæн рæсугъд сабидуг балæвар кæнынæн бирæ нæ хъæуы. Æрмæстдæр уый, цæмæй риуы фæлмæн æмæ хæлар зæрдæ гуыпп-гуыпп кæна.
















