Æвзæрстыты хатдзæгты фæдыл парти «Иугонд Уæрæсе»-йы разамынд бацæттæ кодтой брифинг. Парти фæуæлахиз Цæгат Ирыстоны, схъæлæс ыл кодтой цæрджыты 71%.
Партийы архайджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм бæрзонд бæрæггæнæнтæ баст сты æвзæрстытæм адæмон программæимæ кæй цыдысты, уыимæ. Цалдæр мæйы дæргъы Уæрæсейы æппæт регионтæй истой курдиæттæ.
Бакуыстой сыл æмæ сæ программæмæ бахастой. «Иугонд Уæрæсе»-йы регионалон хайады секретарь æмæ паддзахадон думæйы депутат Таймазты Артур, фæуæлахиз иумандатон æвзарæн зылды, схъæлæс ыл кодтой 76,01%.
















