Республикæйы кæронмæ æрхæццæ Цӕгат Кавказы федералон зылды фӕсивӕды проектты ‘хсӕн конкурс. Ацы аз дзы Цæгат Ирыстонæй бацархайдтой 62 адæймаджы.
Мæйы дæргъы сын эксперттæ онлайн хуызы амыдтой проектон архайды лыстæгдзинæдтæ. Дарддæр сæ бацæттæ кодтой экспертон Советы цур раныхас кæнынмæ. Жюрийы хатдзæгтæм гæсгæ, цæгатирыстойнаг архайджыты проекттæй 18-æн раттдзысты грант. Æдæппæтæй 6 млн сомы. Уæлахиздзаутæн сæ сертификаттæ кадджын уавæры райстой Фæсивæды галуаны.
















