Иу ахæм асыччы цæуы 320/330 кг фæткъуы. Æмæ цæмæй бæрæг бæрц сæххæст кæной, уый тыххæй кусджытæ фæллой кæндзысты боны дæргъы. “Казачий хутор”-ы дыргъдæттæ æрбынат кодтой мин гектарыл. Цæмæй тыллæг афойнадыл æмбырдгонд æмæ æвæрд æрцæуа, уый тыххæй хъæуы сæдæгай къухтæ. Науæд куыстытæн мæй дæр не сфаг уыдзæн. Раззагдæр технологитæ æмæ нырыккон техникæйы руаджы архайд бирæ æнцондæр у. Фæсарæнтæй æрбаласгæ техникæйæн фæтк дæттынмæ кусджытæ ацыдысты сæрмагонд ахуыртæ.
Хур бон фылдæр тыллæг æрæмбырд кæнынц. Хурæфсæст бæлæстыл зайгæ дæр адджын фæткъуы æркæны. Голден мыггаг боныхъæды хивæнд митæн нæ фæразы. Фæлæ йæ куы тонай, уæд йæ уындæй дæр зæрдæ рухс кæны, зæгъы Къæдохты Мальвинæ.
Гæззаты Альбинæ ам кусгæйæ æрымысы йæ скъолайы бонтæ. Хорз ма йæ хъуыды кæны, скъоладзауæй йæ хæлæрттимæ картоф æмæ дыргътæ æмбыр кæнынмæ куыд цыдысты, уый. Куыд зæгъы, афтæмæй уæдæй ницы аивта. Æрмæст технологитæ нырыккон сты. Ног гæнæнтимæ куысты уавæртæ дæр фенцондæр сты, архайд фæтагъддæр.
Ацы ад æмæ хæрздæф сабибонтæй зонгæ сты. Нæ хурдзаст регионы цы фæткъуытæ зайы, уыдонæн æмбал зын ссарæн у. Афтид ацы дыргъдæтты зайы 10 хуызы. Алкæцы дæр сæ тыллæг дæтты алы афонты, се ‘ппæтмæ иухуызон нæ базилдзынæ. Уыимæ нысангонд хуызы архайын хъæуы сæ æмбырд кæнгæйæ æмæ æфснайгæйæ. Æппæт æууæлтæ дæр специалисттæ æххæст кæнынц дыргъдарæн бынæтты.
Æвзарыны рæстæг, сæ тухыны размæ алы дыргъмæ дæр лæмбынæг кæсынц мæнæ ацы сæрмагонд бынаты. Технолог мониторты руаджы программæмæ гæсгæ хынцы иу линийы бæрæггæнæнтæ алы фæткъуыйы ныв уынгæйæ.
Алы хуызтыл, мыггæгтыл æмæ асыл дихгонд дыргътæ цъæх асыччыты дарынмæ аласынц уазæлгæнæнтæм. Ам æнæ сæфгæйæ фæткъуытæ лæудзысты мæйгæйттæй. Æппæты фылдæр æмгъуыд – 9 мæйы. Куы бахъæуа, уæд, техникон гæнæнтæй спайда кæнгæйæ, дыргъты контейнертæ уазалгæнæнты лæудзысты афæдзгæйттæ. Дарддæр та – заказгæнæгмæ уæзласæн хæдтулгæтыл. Æмткæй райсгæйæ, аграрон куыстуат дарддæр дæр зайын кæндзæн фæткъуытæ. Дардзæн сæ нырыккон технологиты руаджы. Дарддæр архайдзæн инфраструктурæйы райрæзтыл. Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц фондз раззагдæр проекты. Се ‘хсæн “Казачий хутор” дæр.
















