Тегераны цæуы Цæгат Ирыстойнаг амалхъом адæймæгты бизнес-мисси. Сарæзта йæ экспорты æххуысы центры Цæгат Ирыстойнаг хайад “Мой Бизнес”.
Мадзалы архайы арæзтад æмæ хъæууон хæдзарарды къабæзты кусæг 4 компанийы. 3 боны дæргъы уыдон æмбæлдзысты, сæ клиенттæ суæвинаг чи сты, уыдонимæ, продукт арарзджытæ æмæ уæйгæнджытимæ. Алы комапнийæн дæр пъланмæ гæсгæ уыдзæн 10 фембæлдæй фылдæр.
Мадзал сарæзтой национ проект «Международная кооперация и экспорт»-ы фæлгæты.
















