Æвæгæсæгæй чи баззад, уыдонæн æмæ сидзæр сывæллæттæн ратдзысты цæрæнуæтты сертификаттæ. Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыныл дзырдтой парламенты æмбырды. Субсиди райсыны фадат уыдзæн, 23 азæй хистæр чи у, уыдонæн. Ныртæккæ хыгъды ис 1 466 адæймаджы. Уыдонæй 1149 сертификаттæ райстой.
Парламентаритæ æркастысты æндæр закъоныпроекттæм дæр. Сæ иу — цæрæн хæдзæрттæм газ уадзынæн æххуысы мадзæлттæ. Фæкæсдзысты æххуысцух бинонтæм. Компенсацийы нымæц раздæр уыд 57 мин сомы, ныр æй 100 мины онг фæфылдæр кодтой.
Депутаттæ снысан кодтой, æхсæнадон палатæйы парламентæй чи архайдзæн, уыдоны. Æдæппæтæй 12 кандидатурæйы. Бæрнон кусджытæ ма ныхас кодтой, афæдзы фыццаг æхсæз мæймæ республикон бюджет куыд хардзгонд æрцыд, ууыл.
















