Сергей Меняйлойæн уыд кусгæ фембæлд Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы директоры хæдивæг Владимир Воронинимæ. Ныхас цыд æмархайды фарстатыл.
Мидслужбæйы инæлар-лейтенант куыд фæнысан кодта, афтæмæй бæстæйы закъонæвæрды домæнтæ æххæстгæнæн республикон управленийы архайд у æнтыстджын. Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæйы Цæгат Ирыстоны управленийы разамонæг Къесаонты Игоры ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг, республикæйы æфсæддон къамистимæ кæнынц æнгом куыст. Уый мобилизацигонд цæрджытæн æххуысы тыххæй. Хæсджын сæ чи у, уыдон бадæттынц æххæстгæнæн хъуыддаг æрлæууын кæныны курдиат. Ахæм куыст цæуы æгас бæстæйы дæр. Уæдæ колл-центртимæ æмархайд дæр у бæрзонд æмвæзадыл.
Тæрхондоны пъырыстыфты федералон службæ йе ‘ргом здахы, социалон ахадындзинад кæмæн ис, уыцы хъуыддæгтæм дæр. Зæгъæм, цæрджыты, уæлдайдæр та, æнахъом сывæллæтты бартæ бахъахъхъæнын. Æдæппæтæй ацы аз алы хуызы категоритæм хауæг адæмы пайдайæн æрдомдтой 2,5 млрд сомы бæрц, уыдонæй 95 млн — сывæллæттæн. Уæлдай цæстдард, мызд фидыны хъуыддагмæ чи хауы, ахæм фарстатæм. Ныридæггæн сæххæст кодтой 581 ахæм хъуыддаджы. Сæ фæлгæты республикæйы цæрджытæ райстой 19,5 млн сомæй фылдæр.
















