Сергей Меняйлойæн кусæг фембæлд уыд федералон архивы агентады разамонæг Андрей Артизовимæ. Æмбырды æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны архивы хъуыддаджы райрæзты фарстатыл æмæ республикæйы паддзахадон архивы ног бæстыхайы арæзтадыл.
Бæрнон кусджытæ æрдзырдтой объекты арæзтады хæрдзтыл. Æнæмæнг у хъæугæ. Ныры архивы æппæт æрмæджытæн бынат фаг нæ кæны. Фондты хъахъхъæд цæуы бирæ информаци раздæры Теркъы облæсты историйы тыххæй. Паддзахадон ног архивы арæзтад къухы ӕфты, Аланийыл дзуæрттæ куы бафтыдтой, уый 1 100 азмæ цæттæгæнæн мадзæлтты пъланмæ гæсгæ. Андрей Артизов куыд фехъусын кодта, афтæмæй фидæны объекты райрæзты гæххæттытæ иууылдæр сты цæттæ. Йæ проектон-хыгъдон аргъ 770 милуан сомы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, хæрдзыты 94% баххæст кæндзысты федералон бюджеты руаджы. Æрмæст ма фæнысан кæнын хъæуы, цавӕр паддзахадон программæмæ хаст æрцæудзæн, уый. «Цæгат Кавказы федералон зылды райрæзты» æви «Информационное сообщество», зæгъгæ, программæмæ. Сергей Меняйло куыд бафиппайдта, афтæмæй цæттæ у ацы фарстайыл бæстон æрдзурынмӕ Уæрæсейы хицауады сæрдары хæдивджытæ Марат Хуснуллин æмæ Дмитрий Чернышенкоимæ. Уыдон дзуапп дæттынц ацы программæты райрæзтæн.
















