Граждайнаг æхсæнад æмæ æхсæнадон цæстдардӕн сӕ нысаниуæг Цæгат Кавказы нациты ‘хсæн ахастдзинæдтæ фидар кæныны хъуыддаджы. Ацы темæйыл республикæйы сæргълæууæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло ныхас кодта Цæгат Ирыстоны национ культурон центрты минæвæрттимæ.
Фыццаджыдæр ныхас кодтой, ахæм центрты куыст куыд арæзт цæуы, уый тыххæй, цы зындзинæдтимæ ‘мбæлынц æмæ сæ куыд аиварс кæнæн ис, ууыл. Республикæйы нациты ‘хсæн ахастдзинæдты фарстаты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Цуциты Аслан куыд загъта, афтæмæй ныртæккæ æхсæнадон иугонд «Наша Осетия»-йы ис 30 национ-культуторн иугонды. Уыдонæй 12 архайынц Мæздæджы районы. Сæ сæйраг хæс у – Цæгат Ирыстоны алы адæмы хæттыты ‘хсæн æмсæр æмæ пайда ахастдзинæдæ парахат кæнын. Архайын сæ культурон бындур хъахъхъæныныл, æмæ афтæмæй Уæрæсейы национ иудзинад фидар кæныныл.
















