Ацы аз Цæгат Ирыстоны программæ «Земский доктор»-ы бацархайдзæн 27 медицинон кусæджы. Уый тыххæй йæ телеграм-каналы фехъусын кодта сæргълæууæг Сергей Меняйло. Куыд бафиппайдта, афтæмæй рынчындæтты, амбулаториты, фелсырон-акушерон пунктты арæзтад æмæ нырыккон техникæйæ ифтонгад хорз хъуыддаг у. Фæлæ ахсджиагдæр у, цæмæй медицинон уагдæтты адæмы дзæбæх кæной дæсны, фæлтæрдджын специалисттæ. Ахæм паддзахадон программæты æххуысæй дæрддзæф цæрæн бынæттæм кусынмæ ацæуынц æрыгон, стæй бæлвырд кабæзты специалисттæ.
«Земский доктор» Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц 2014-æм азæй. Уæдæй нырмæ республикæйы Æнæниздзинадхъахъхъæнынады министрад куысты ныллæууын кодта 60 специалистæй фылдæры. Æдæппæтæй «Земский доктор» æмæ «Земский фельдшер» программæтæм гæсгæ ацы аз кусын райдайдзысты 22 дохтыры æмæ 5 фелсыры. Сæ архайды тыххæй, фæйнæ 1 млн сомы дохтыртæ райсдзысты, 500 мин сомы бæрц та фелсыртæ.
















