Фæндаг байгом æмæ йыл ныр цæуыны бар ис. Фыццаг æй бафæлвæрдтой уæзласæн хæдтулгæтæ. Ныр транзитон транспорт Цыколайы уылты нал цæудзæн. Хъæуы иувæрсты фæндаг райдыдтой аразын фарон, йæ дæргъ – 8 километры.
Куыстытæ цыдысты æнæрлæугæйæ. Æмгъуыд сын уыд афæдзы кæронмæ, фæлæ нысангонд фæткæй раздæр фесты. Фæндаджы бын сæвæрдтой 19 дондзæуæн хæтæлы. Йæ иувæрсты – фидар гæрæнтæ. Трассæйыл ис цæуæн 100 километры сахатмæ.
Кадджын мадзалмæ Æрæфы районмæ сцыд сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фæндаджы æууæлтæн аргъ скодта бынаты.
Иувæрсты трассæ у регионалон фæндаг “Дзæуджыхъæу – Æрыдон – Цыкола – Лескен-2”-йы хай. Йæ фæрцы-иу шофыртæ рахиздзысты “Цыкола – Мацутæ – Комы-Арт”-ы фæндагмæ. Объект сарæзтой “Æдас æмæ хæрзхъæд фæндæгты” национ проекты “Фæндаггон хызы” регионалон проекты фæлгæты.
















