preloader
сейчас в эфире
10:17
АЛЕКСАНДР НЕВСКИЙ. ЗАЩИТНИК ЗЕМЛИ РУССКОЙ 12+
Смотрите Далее
11:05
КУЫД ЗÆГЪАЙ,АФТÆ! 12+
12:20
ПО ФАКТУ 12+
13:00
ХАБÆРТТÆ 12+
13:15
ПУШКИНА ПОСЛЕ ПУШКИНА 16+
14:10
АМИГДАЛÆ 12+
ТВ ПРОГРАММА
АЛЕКСАНДР НЕВСКИЙ. ЗАЩИТНИК ЗЕМЛИ РУССКОЙ 12+
close

Цæгат Ирыстоны æххæст кæнынц «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы программæ, йæ фæлгæты æххуыс кæнынц æххуысцух бинонтæн

6.09.2021 15:19

Программæ архайы 2021-æм азæй. Йæ фæрæзты руаджы фермеры куыстуат йæ къахыл слæууыд.

250 мин сомы фермерон хæдзарады куыст сног кæнынæн. Ацы фæрæзтæ «Мæгуырдзинадимæ тох кæнын»-ы программæйы фæлгæты райста Тауаситы Алан. Программæ архайы 2021-æм азæй. Йæ фæрæзты руаджы фермеры куыстуат йæ къахыл слæууыд.


Сау тӕппытӕ хъулон хъуццыты мыггаг нæм фæзынд 20-ӕм æнусы 30-æм азты, фæлæ ныр дæр ма арæх æмбæлы. Ӕмткæй райсгæйæ, æхсыр дæттæг хъуццыты процент у ныртæккæ 57. Сæ уæз у 600 киллограммы бæрц, уымæ гæсгæ сын хæринаг дӕр дзӕвгар бахъæуы. Уымæй уæлдай-ма, æнæмæнг, хъуамæ йын уа уидагдыргътæ, силос, фосхизæн рæстæг та сын хъуамæ уа цъæх кæрдæг.

Тауаситы Алан æмæ йе`мбæлттæ фермеры куыстыл сæхи æрæджы бафтыдтой, кæнынц сæ фыццаг къахдзæфтæ. Дыууæ азы размæ сæм сæвзæрд хъуыды хаццоны райсын цавæрдæр бæстыхай, балхæнын цалдæр хъуджы. Цæмæй сæ фæллæйттæ æмæ сæ куыст дон хиды бынты уадау ма фесӕфы, уый тыххæй сын стыр æххуыс фæцис “Мæгуырдзинадимæ тох”-ы программæ. Алы фермерæн дæр рахай кодтой 250 милн сомы.Иу милуаны бæрц фæрæзтæ та бахардз кодтой хæдзарады райрæзтыл æмæ æхсыры цех байгом кæныныл.

Æдæппæтæй Дыгуры районы «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы программæйы фæлгæты бафыстой 12 социалон контракты. Бадзырды сæйраг нысан у – куыст ссарын, амалхъомдзинады куыст æххæст кæнын æмæ хи æххуысадон хæдзарадыл кусыны хъуыддаг.

Программæйы бацархайæн ис бынæттон социалон лæггæдты бирæвæрсыг центры курдиат ныффысгæйæ, кæнæ та фæллойы æмæ социалон рæзты министрадмæ бацæугæйæ. Æмткæй райсгæйæ, ацы аз ахæм социалон контрактты бæрц хъуамæ суой минæй фылдæр.

Ацы азы райдианы фæнд кодтам 420 амалхъом адæмæнæн баххуыс кæнын.Фæлæ программæйы бирæты кæй фæндыд бацархайын, уымæ гæсгæ сæ бæрц ссис 448 адæймаджы.Уыдон хуымæтæг адæм не сты, фылдæр бирæсывæллонджын бинонтæ, уымæ гæсгæ уыцы æххуыс чи хъуамæ райса, уыдон сты дзæвгар фылдæр. Æххуысадон хæдзарады чи архайы, уыдон дæр хъуамæ фылдæр уыдаиккой, фæлæ уал нæ къухы бафтыд 209 социалон контракты бафыссын.Сæ фылдæр сты хъæууон хæдзарады къабазы.

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, программæ «Мæгуырдзинадимæ тох»-ы йæ куыст райдыдта 2021 азы. Йæ сæйраг хъудыды у фæкæсынхъуаг адæммæ æмæ зынвадæтты цæрӕг адӕмӕн æххуысы къух бадарын.

ДЕЛАЕМ ГОРОД КОМФОРТНЕЕ
Читайте также
Все новости
Темы
Рекомендуем
08.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
8.06.2026
В итоге: 07.06.2026
7.06.2026
Куыд зæгъай, афтæ! I 07.06.2026
7.06.2026
06.06.2026 | Саутæ, буртæ, мыдхуызтæ
6.06.2026
Гвардия I 06.06.2026
6.06.2026
Зæхкусæджы сагъæстæ I Хæдзарадон
5.06.2026
Проект «Алания. Это мо земля», Зæрон Бæтæхъойыхъæуы фæсивæд æмæ бархионты архайд I Йæ рæстæгыл
5.06.2026
Рамазан Гаджимурадович Абдулатипов I Большое интервью
5.06.2026
05.06.2026 I Доброе утро, Осетия!
5.06.2026
Эксперты I ДОК
4.06.2026
Новые отделения РКБ, антинаркотический месячник и актуальные новости прошедшей недели I Самое время
4.06.2026
Дӕндӕгты ӕнӕниздзинад бахъахъхъӕныны бон I Дæ райсом хорз, Ирыстон!
4.06.2026
Среда влияния I Изменение климата на Кавказе
3.06.2026
Залина Дзампаева I Истории из жизни
3.06.2026
Дело мастера I Нелли Гассиева
3.06.2026
Все рекомендуемое