Хæххон-металлургон институтæн мини-футбол хуымæтæг спортивон секци рагæй нал у. Раздæр дзы архайыны фадат уыди æрмæст уæлдæр ахуыргæнæдоны студенттæн. Ныртæккæ ахæм бар фæзынд, кæй бафæнда уыдонæн се `ппæтæн дæр. 10 азы размæ чызджытæн фæзынд сæхи командæ, кæцыйæн ис йæхи æнтыстытæ.
Мини-футболæн кæд йæ хъазæн фæз чысылдæр у, уæддæр дзы къаддæр æнкъарæнтæ нæй. Ам алкæуыл дæр ӕвӕрд ис йæхи бæрн. Фæлæ сæйраг нысан у иу — рамбулын. Уый тыххæй та æнæмæнг хъæуы раст тактикæ æмæ æнгом куыст, фидарæй дзурынц командæйы архайджытæ. Фæстагмӕ – Цæгат æмæ Хуссар Кавказы федералон зылдты ерысты 2-аг бынат.
Сæйраг дæр хъæуы æмбарын, пурти кæд ӕмӕ куыд цæвын хъӕуы, стӕй пас раттын куыд растдӕр радгӕ у. Фыццаг ахуыртæй фæстæмæ ам ахуыр кæнынц иумæйаг æмæ æнгом хъазтыл.
Цæгат Кавказы хæххон-металлургон институты чызджыты секци байгом суанг 2011 азы. Уæд дзы архайыны фадат уыд æрмæст студенттæн. Фæлæ ныр, цалдæр азы дæргъы къуыри æртæ хатты бæстыхайы хъуысы сывæллæтты хъæлæба. Кæд æмæ сæ асмæ гæсгæ алыхуызон сты, уæддæр сæ кæрæдзи æмбарынц хорз. Ууыл сæ ахуыр кæны сæ тренер. 22 азмæ сарæзта йæхи методикæ. Æвæццæгæн, сабитæ уымæн тырнынц алы тренировкæмæ дæр.
Ерыстæ цыдысты Краснодары крайы. Æдæппæтæй дзы бацархайдтой Цæгат æмæ Хуссар Кавказы Федералон зылдтæй, уыимæ Хъырымæй 11 командæйы. Первенствойы хатдзæгтæм гæсгæ, ныр футболисткæтæ ацæудзысты Уæрæсейы чемпионатмæ. Уыдзӕн Новгороды. Чызджытæ фидарæй зæгъынц, уæлахизимæ кæй сыздæхдзысты.