“Вахтангов. Путь домой” фестиваль ацы аз цæудзæн 6-æй 13-æм июльмæ. Уый тыххæй мадзал аразыны фарстаты фæдыл Дзанайты Барисимæ æмбырды рæстæг фехъусын кодта Евгений Вахтанговы номыл паддзахадон академион театры директор Кирилл Крок. {ЗК} Къуыримæ нысангонд программæ, фаронимæ абаргæйæ уыдзæн хъæздыгдæр. Байгом уыдзæн уынгты театрты рацыдæй,
Уымæй раздæр Сæрибардзинады фæзы скусдзæн сæрмагонд бынат, уым цæрджыты бон уыдзæн сæхицæн маскæтæ æмæ уæлæдарæс цæттæ кæнын. Хетæгкаты Къостайы номыл сæйраг парчы архайдзысты Мæскуы, Питер æмæ æндæр горæттæй уынгты
театрты къордтæ.
Спектакльтæй иу равдисдзысты цадыл, архайдзысты дзы зынгонд артисттæ. Кирилл Крок зæрдæ дары цæрджытæ мадзалæн аккаг аргъ кæй скæндзысты. Уырыссаг æмæ Академион театрты ацæудзысты раззагдæр режиссерты æвæрд спектакльтæ. Билеттæ самал кæнæн сæм уыдзæн 19-мартъийæ фæстæмæ, официалон сайты.
Фестивалы программæйы иу хай ма — “Картония” олимпаг хъæзтытæ. Ацы аз Сабырдзинады фæзы парады архайдзыты республикæйы сывæллæтты æмæ спортивон къордтæ. Цæрджытæм æнхъæлмæ кæсдзысты хъæлдзæг ерыстæ. Республикæйы уæлдай æргом здахынц бæрæгбоны рæстæг æдасдзинады мадзæлттæ сæххæст кæнынмæ. Дзуапдæттæг сын уыдзысты
Мидхъуыддæгты æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадтæ. Уымæй уæлдай ма, адæмы æнцойдзинадæн фæсиддзысты бархионтæм, фæнысан кодта Дзанайты Барис. Ахсджиаг куыст кæндзысты дзыллон информацион фæрæзты минæвæрттæ дæр. Æппæт хъусынгæнинæгтæ дæр хъæуы хæццæ кæнын афойнадыл æмæ раст. Фестиваль арæзт æрцæудзæн культурон хъæппæристы Президентон фонды гранты фæрæзтæй, уыимæ Вахтанговы номыл театр æмæ спонсорты хардзæй.
















