Хуссар Ирыстоны æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджытæн ведомствойы юбилейы фæдыл арфæ ракодтой Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады делегаци сæ сæргъы министры хæдивæг Илья Денисов, афтæмæй. Фыццаджыдæр уал ссардтой Беслæны фыццæгæм скъолайы теракты аммæтæгты нæмттæ. Бабæрæг кодтой мемориал “Зæдты сахар”, дидинджытæ сæвæрдтой “Хъыджы бæласы” цур, Уæрæсейы сæрмагонд дæлхайæдты æмæ ирвæзынгæнджыты цыртдзæвæныл.
Хуссар Ирыстоны та архайдтой министрады равзæрды 15 азы юбилейы фæдыл арæзт мадзæлтты. Бæстæйы дзуапдæттæг ведомствойы сæргълæууæг Александр Куренковы номæй раныхасы нысангонд æрцыд, Хуссар Ирыстон сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианæй фыццæгты ‘хсæн Уæрæсейы раз, кæй балæууыд. Донецк æмæ Луганскмæ æрвыст цыд гуманитарон æххуыс. Цхинвал суазæг кодта лигъдонты. Уымæй уæлдай ма ведомствотæ кæрæдзийы ‘хсæн æмгуыст кæнынц, цæттæ сты бахъуаджы рæстæг кæрæдзийы фарсмæ балæууынмӕ.
















