Уæд, 2004-æм азы 1-æм сентябры скъоламæ ацыд Владислав Афанасьев дæр. Лæппуйыл цыд 9 азы. Уыд йæ хæлары бинонтимæ. Хъыгагæн уыдонæй ничи аирвæзт. Абон дæр дæ уыцы цаутæ нæ рох кæны Владислав.
Цогойты Аланимæ спортивон залы дæр иумæ бадтысты. Фæлæ Владислав амондджындæр разынд, бантыст ын рацæуын. Йе ‘мбал та æнустæм баззад 9-аздзыд лæппуйæ. Владиславы ныхæстæм гæсгæ, цы сыл æрцыд, уый фыццаг бирæтæ ‘мбаргæ дæр нæ бакодтой.
Фыццаг срæмыгъдты фæстæ Владиславæн бантыст раирвæзын судзгæ спортивон залæй. Бирæтæ та дзы баззадысты æнустæм. Нал федтой сæ ныййарджыты, сæ хъæбулты.
9-аздзыд лæппуйыл иу бонæн цыма бирæ азтæ рацыд, афтæ йæ хъуыдытæ аивтой. Уæвгæ, Беслæны сывæллæтæн се ‘ппæтæн дæр аивта сæ миддуне, сæ зондахаст. Сæ царды риссагдæр бонтæ уæззау кинонывы скъуытдзæгтау сты сæ хъуыдыты æппынæдзух. Рох сæ нæ кæнынц ныр 17 азы.
Дарддæр цæрын базонын… Æвæццæгæн, æмæ се стырдæр зын — ногæй та бакъахдзæф кæнын скъоламæ. Æмæ ахуыр кæнын дарддæр, йæ цард кæмæн аскъуыд, æнæ уыцы ‘мгæрттæй… Æмæ сæ ма рох кæнын, цæрын сæ бæсты дæр…
















