Зæрдæйы низтæ кæмæ ис, уыдонæн диспансерон цæстдарды фæстæ дыууæ азы дæргъы æмбæлгæ хостæ дæттдзысты лæвар.
Сæрмагонд уынаффæ бафыста нæ бæстæйы хицауады сæрдар Михаил Мишустин. Ахæм мадзæлтты руаджы, зæрдæйы низтæ кæмæ бæрæг кæной, уыдонӕн се сдзæбæх кæныны гæнæнтæ уыдзысты парахатдæр, кӕндзысты сын фылдæр æххуыс. Уый та ныртæккæ, тæссаг низимæ тох кæнгæйӕ, у уæлдай ахсджиаг. Хыгъды ис 20 лæвар хосæй фылдæр. Уыдон æнæниздзинадыл хорзы ‘рдæм ахаддзысты.
Раздæр хостæ лæвæрдтой æрмæстдæр афæдзы дæргъы, диспансерон цæстдарды хыгъды йæхи 2021 азы 1 январы чи бафыста, уыдонæн. Æмткæй райсгæйæ, ацы хъуыддагæн бюджетæй рахай кодтой 10 млрд соммæ ‘ввахс.
















