Зындзинæдтæ чи ййафы, уыцы æнахъом сывæллæтæн фæкæсынæн цавæр фадæттæ ис саразын? Уый тыххæй ныхас кодтой Дзæуджыхъæуы скъолаты директорты хæдивджытимæ, хъомыладон куыстæн дзуапп чи дæтты, уыдонимæ.
Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, царды зындзинæдтæ чи ййафы, ахæм сывæллæтты нымæй арæзй азмæ рæзы. Уымæн аххосæгтæ алыхуызон сты. Цæмæй сæ сбæрæг кæной æмæ сыл бакусой, уый тыххæй семинармæ æрбахуыдтой психологты æмæ æнахъом сывæлæтты хъуыддæгты фæдыл къамисы минæвæртты.
Уыдон æмбырды архайджытæн радзырдтой, сывæллæттимæ куыд кусын хъæуы, бахъуаджы рæстæг сæм цæмæй фæкæсын хъæуы æмæ сæ хъомыладмæ скъола цы ахадгæ бавæрæн хæссы, уый тыххæй.
















