Алыхуызон ерыстæ, зарджытæ, кæфтытæ æмæ куывдтытæ. Æгас Ирыстон сбæрæг кодта æппæты кадджындæр бæрæгбæттæй иу – Реком. Алчидæр æрбахаста йæ мысайнаг æмæ йæхи æргом дзуарыл бафтыдта. Рекомы кувæндонмæ адæм æнусты цыдысты Ирыстоны алы хъæутæй. Уæлдай тынгдæр ыл сæхи фæдзæхстой Уæлладжыры комы цæрджытæ. Рекомы бæрæгбон ацы хатт дæр рауад хæрзаив.
Цъæйы коммæ Рекомы дзуары бынмæ æрбамбырд сты Цæгаты алы кæмттæй æмæ Хуссар Ирыстонæй. Бæрæгбоны фæдыл сæ кæрæдзийæн кодтой зæрдиаг арфæтæ. Сæ кувинæгтимæ: æртыгай чъиритæ, æртæ æртæдзыхæттæ, бæгæныимæ цыдысты кувæндоны бынмæ. Алы аз куыд вæййы, афтæ та ацы хатт дæр бæрæгбонмæ ссыдысты, Уæрæсейы æндæр горæтты чи цæры, уыцы ирæттæ дæр. Æрбамбæлдысты уазджытæ Дæллаг Новгородæй, Канадæйæ æмæ Венгрийæ.
Зæдбадæн Цъæйы ком. Ам урссæр хæхты `хсæн, арф тар хъæды хъæбысы Хуыцауы цæссыгæй равзæрд, нæ фыдæлтæ фыдæй-фыртмæ кæмæ куывтой, уыцы Рекомы дзуар. Хистæрты куывд комыл куы айхъуыст, сæ фæстæ та – кæстæрты «аммен», уæд ма сын суанг хæхты фæхстæ дæр дзуапп радтой дардмæ тæхæг азæлдæй.
Кæд хур иу афон мигъты амбæхст æмæ къæвда уарын райдыдта, уæддæр адæмæн сæ зæрдæйы бæрæгбоны цин нæ фехæлд. Дардыл хъуыстысты хистæрты гаджидæуттæ æмæ фæсивæды зарын. Сæ цæсгæмттыл хъазыд æхсызгон мидбылхудт, сæ цæстæнгас уыдис райдзаст æмæ цавæрдæр æнахуыр сыгъдæг рухсæй дзаг. Хур дæр бирæ нæ бафæрæзта аууоны бадын æмæ та ногæй ракаст. Адæмы бæрæгбоныл раст цыма уый дæр цин кодта, афтæ каст адæймагмæ. Кæстæртæ кувинæгтæй куы сахуыстой, уæд кæмæн куыд йæ бон уыд, афтæ бацыд дыууæуæладзыгон гуыппсимды.
Цæрæнбонты чи никуы скафыд, уый дæр йæхи ам нæ бауромы. Симды алы фезмæлды, йæ нывæзты, йæ дзуарæвæрдты æмæ фæзилæнты зынынц дунейы равзæрды мидис æмæ уæлмонц æнкъарæнтæ. Бæрæгбон рæсугъдæй, æгъдаумæ гæсгæ арвитыныл чи бацархайдта, уыдонæн арфæ ракодтой «Иры Стыр Ныхас»-ы уæнгтæ.
Таурæгъмæ гæсгæ, «Хуыцауы `ртæ цæссыджы» кæм æрхаудысты, уым равзæрдысты æртæ кувæндоны – Мыкалгабыртæ, Таранджелос æмæ Реком. Рекомы Уастырджийы бæрæгбон рауад тынг аив, фидауцджын. Иу карз нозт дæр нæ, иу хæрам ныхас дæр нæ. Арфæтæ, хæларзæрдæ ахаст, райгуырæн зæхмæ уарзты æнъарæнтæ – ахæм у Рекомы Уастырджийы тых.
Рекомы Уастырджийы бынмæ цæуын æмæ йæм кувыны æгъдæуттæ сты бынтон сæрмагонд. Нæлгоймæгтæ йæм сæйраджыдæр сæмбæлынц урс дарæсы æмæ бæгъæввадæй. Дзуары бынмæ сылгоймаг нæ цæуы, уыдонæн ардæм æввахс ис сæрмагонд бынат – Мадымайрæмы кувæндон.
Рекомы уыд ахæм миниуæг æмæ иу хæстмæ куы цыдысты уæд иу æфсымæрдзинад ам фидар кодтой. Ома уыд æфсæддонтæн ахъазгæнæг дзуар. Фæндараст дзы кодтой бæлццæтты дæр. Ахуыргæндтæ куыд нымайынц, афтæмæй Рекомы кувæндон равзæрд 14-æм æнусы. Сарæзтой йæ, æнусты дæргъы æмбийгæ чи нæ кæны, ахæм æнахуыр хъæдæй.
Сæйраг кувæндоны та ацы аз дæр фæсивæд суанг изæрмæ зарыдысты, кафыдысты, хъуыстис сæ хъæлдзæг ныхас.
Брытъиаты Феликс
















