Цæгат Ирыстоны алы районтæй фæкæсынцух бинонтæн баххуыс кодтой хæдзары дзаумæттæ, хойрæгтæ, уæлæдарæс æмæ дзабыртæй. Уыцы хъæппæрис сæхимæ райстой фæллой æмæ социалон райрæзты министрад, стæй бирæсывæллонджын бинонты æхсæнадон организацийы республикон хайад. Бæрнон кусджытæ сæхæдæг абалц кодтой цалдæр ахæм бинонтæм, радтой сын сæ лæвæрттæ. Уымæй уæлдай ма базонгæ сты, цавæр фарстатæ сæ тыхсын кæнынц, уыимæ дæр. Зæгъæм, иннæ азы рауагъдонты ныййарджытæн баххуыс кæндзысты, цæмæй сæ сывæллæттæн уæлдæр ахуырмæ бацæуынæн сæрмагонд гæххæттытæ райсын сæ бон бауа.
Цæгат Ирыстоны фæллой æмæ социалон райрæзты министр Хубаты Барис зæрдæ бавæрдта, æппæт хъæугæ гæххæттытæ сæмбырд кæнынæй сæм кæй фæкæсдзæн. Акцийы фæлгæты æххуыс райстой Дыгуры, Æрæфы æмæ Горæтгæрон районы бинонтæ. Хъомыл кæнынц 7-æй 14 сывæллоны онг. Акци «Твори добро», зæгъгæ, сарæзтой 8-æм хатт. Уыцы рæстæгмæ баххуыс кодтой 1 мин бинонтæй фылдæрæн.
















