Хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæнын у алы къæпхæнты бюджетты сæйрагдæр хæс. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз радон æмбырды.
Архайдтой дзы министртæ, комитетты сæрдартæ æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ. Хицауауды сæрдар куыд бафиппайдта, афтæмæй бюджетмæ фылдæр æфтиæгтæ `мбырд кæныны фæрцы муниципалитеттæн фылдæр бартæ уыдзæн федералон программæты архайынæн. Уымæн та ахъаз уыдзæн хъалонты ифтонгдзинадмæ уæлдай цæстдард. Зæгъæм, хаццоны ист зæххытæн амалхъом адæм куыд фидынц, уымæ.
Администрациты сæргълæуджытæ æмбырды æрныхас кодтой кæлæддзаг хæдзæрттæй ногтæм раивыны æмæ горæтты æнцонвадат цардыуаджы программæты куысты тыххæй. Куыд рабæрæг ис, афтæмæй æппæт хæстæ дæр фæуыдзысты æмбæлгæ `мгъуыдмæ.
Тускъаты Таймураз ма бадомдта бынæттон хицаудзинады минæвæрттæй фæззыгон-зымæгон хъармгæнæн системæты куыстмæ ноджы фылдæр æргом здахын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъарм æнæрынцойæ хъуамæ хæццæ кæна сывæллæтты рæвдауæндæттæ, скъолатæ, поликлиникæтæ, рынчындæттæ, спортивон, культурон æмæ социалон æххуысы кусæндæттæм.
















