Цæгат Ирыстоны 2 азмæ сцалцæг кæндзысты 63 скъолайы. Бафтаудзыстæм ма уый, æмæ республикæ ахуырады объектты бындурон цалцæджы программæйы кæй архайы.
5 субъекты `хсæн нæ регионæн радих кодтой æппæты фылдæр æхцайы фæрæзтæ – 3,5 млрд сомы. Ацы аз бындуронæй рацараздзысты 44 скъолайы. Аивгæнæн куыстыты хæрзхъæддзинадмæ кæсдзысты куыстадон къордтæ. Йæ уæнгтæ сты ахуырады министрады уыимæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ. Сергей Меняйло бабар кодта 1-æм апрелмæ арæзтадон компанитимæ æппæт хъæугæ бадзырдтæ бафыссын.
















