Цæгат Ирыстоны рауагътой посты сæрмагонд маркæ Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн. Мадзал ацыд Дæуджыхъæуы почтамты сæйраг хайады.
Бæрæгбоны номыл маркæйы тираж у 120 мин экземпляры, йæ аргъ — 50 сомы. Ис ыл Едзиты Сосланбеджы скульптурæ «Хъыггæнæг зæд»-ы сурæт. Йæ саразынæн бацæттæ кодтой сæрмагонд мыхуыр. Уымæн дæр йæ фæд æвдисы маркæйы хуыз.
Кадджын мадзалы бацархайдтой Посты бастдзинады федералон управленийы разамынд æмæ республикæйы филателистты æхсæнады уæнгтæ.
















