Сергей Меняйло Мæскуыйы архайдта культурæйы фарстаты фæдыл Паддзахадон советы къамисы æмбырды. Мадзал ацыд, Уæрæсейы цы сфæлдыстадон къуыри снысан кодтой, уый фæлгæты. Сæргълæууæг радзырдта, регионы æрмдæсныйадæн цы æххуыс ис, уый тыххæй. Фæбæрæг кодта, ирон адæмы культурæйы сын уæлдай бынат кæй ис. Уыдон сты, зæгъæм, згъæр æмæ хъæдæрмæгыл нывæфтыд кæнын, бийын, дурынтæ æмæ фæлындæнтæ аразын, национ куклатæ æмæ уæлæдарæс, стæй зæринхуыз æндæхтæй хуыйын, адæмон музыкалон инструменттæ аразын, нымæт уæрдын.
Ныртæккæ адæмон æрмдæсныйæдты архайджытæм бахастой 10 куыстуаты, 50 амалхъом æмæ хæдбарæй кусæг адæймаджы, дæсгай æрмгуысты дæсныты. Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг ма рахаста фæндон, цæмæй хæдбарæй кусджыты æмæ хи куыстуæтты хицæутты дæр бахæссой, паддзахадон æххуыс чи исы, уыдоны хыгъдмæ. «Уæрæсейаг сфæлдыстадон къуыри» арæзт цæуы 2020-æм азæй. Ахъаз у бæстæйы экономикон, зонадон æмæ технологон гæнæнтæ парахат кæнынæн.
Сергей Меняйло ма йæ къух æрфыста республикæйы хицауад æмæ æнæкоммерцион куыстуат «Креативная экономика»-йы ‘хсæн бадзырдыл. Ахъаз уыдзæн уæрæсейаг культурæйы сфæлдыстадон къабазты райрæзтæн. Бадзырдмæ гæсгæ Цæгат Ирыстоны сараздзысты рухстауæн æмæ ахуырадон программæтæ, семинартæ, конференцитæ, дæсныйадæвдисæн ахуыртæ. Сæйраг нысан — сфæлдыстадон индустритæ, кино, музыкæ, компьютерон графикæ, анимаци æмæ нывкæнынады райрæзты гæнæнтыл бакусын.
















