Нарты кадджыты сылгоймæгты нæмттæ æмæ зын дзырдты семантикон хицæндзинæдтæ дыгурон диалекты. Æрхæцæн нысæнттæй пайдакæнынады хицæндзинæдтæ ирон æвзаджы. Уыимæ ма, коронавирусы пандемийæ æндæвдад фæзынд медиа тыгъдады æвзаджы. Дзæуджы хъæуы арæзт æрцыдысты филологон наукæты доктор, Цæгат Ирыстон æмæ Уæрæсейы наукæйы сгуыхт архайæг Гуриаты Тамерланы номыл 5-æм æппæтадæмон конференци.
Æвзагзонынад, литературæ æмæ фольклористикæйæ наукон раныхастæ бацæттæ кодтой Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институт, Цæгат Кавказы хæххон-аграрон университет, Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет æмæ Кæсæг-Балхъары наукон центры минæвæрттæ. Бацархайдтой ма Португали, Иран, Абхази æмæ Хуссар Ирыстоны уæлдæр ахуырадон уагдæтты раззагдæр ахуыргондтæ æмæ филологтæ.