26-æм майы фæстаг дзæнгæрæг азæлдзæн Цæгат Ирыстоны 12 мин рауагъдонæн. Алы скъолайы дæр кадджын линейкæты уазджытимæ уыдзысты республикæйы хицауады минæвæрттæ. Уый тыххæй аппаратон æмбырды фехъусын кодта Сергей Меняйло. Ныхас ма цыд сывæллæтты хъахъхъæныны боныл. 1-æм июны Дзæуджыхъæуы Центрон парчы уыдзæн 8 тематикон фæзуаты. 2-æм июнæй та кусын райдайдзысты скъолаты бындурыл лагерьтæ. Сæргълæууæг бабар кодта уæлдай æргом аздахын æдасдзинады фарстатæм.
Ныхас цыд боныхъæдыл дæр. Ныртæккæ тӕрккъӕвдатӕ æмæ ихуардæй тæссаг у. Коммуналон службæтæ архайынц тыхджындæр фæткмæ гæсгæ. Хæстæг рæстæг сæйраг нысан у донивылдтытæй цæрджытæ æмæ инфраструктурæ бахизын. Æнæнхъæлæджы уавæрты æмæ Æрдзон æвæрæнты министрадтæ, стæй районты сæргълæуджытæн Сергей Меняйло бабар кодта цæугæдæтты донвæдтæ сыгъдæг кæнын æмæ былгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ æххæст кæнын.
















